Ирвæзынгæнджытæ стихийы зонæйы дыууæ мардыбуар ссардтой. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн мидхъуыддæгты министрады пресс-куысты сбæлвырд кодтой.
Афтæма сæ хъусинагæй, ирвæзынгæнджытæ дыууæ мардыбуары, агурæн-ирвæзынгæнæн куыстыты рæстæджы ссардтой.
Онийы муниципалитеты, стихийы зонæйæ æмбæстæгты эвакуаци дарддæр кæны. МХМ-ы информацийæ, стихийы зонæйæ нырид 70-ы онг æмбæстагы ракодтой. Уæлвæтк уавæрты куысты райхъусын кодтой, цæмæй стихийы зонæйы агурæн-ирвæзынгæнæн мадзæлттæ æнæхъæн æхсæв адарддæр уыдзысты.