Турчы Гуырдзыстоны минæвар Гиорги Джанджгъава æмбæстæгты фæдзæхсы арæнæвæрдты тыххæй.
«Турчы Республикæйы уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты хъусдардаккаг! Туркаг фарсы уынаффæйæ коронавирусы превенцийы фæлгæтты, бæстæйы масштабæй æмбæстæгтæн уынгтæм рацыд тобæ кæны къуырисæрæй майрæмбоны онг 21:00-æй 05:00 сахаты онг, сабат-хуыцаубон та, майрæмбон 21:00 сахатæй, къуырисæры 05:00 сахаты онг.
Фæнысангонд регуляци йæ тыхмæ хизы фыццаг декабры, 21:00 сахатæй! Уæлдæрбанысангонд фæтксæттæг уæнг фæивар уыдзæн!»- фыссы минæвар «Фейсбукы» сæрмагонд фарсыл.