Гуырдзыстоны минæвары информацийæ, Украинайы  цæф  гуырдзиаг  хæцджыты нымæц асты онг  сырæзт
Гуырдзыстоны минæвары информацийæ, Украинайы цæф гуырдзиаг хæцджыты нымæц асты онг сырæзт

Украинайы Гуырдзыстоны  минæвар Гиорги Закарашвилийы  информацийæ,  Украинайы  цæф гуырдзыйаг  хæцджыты  нымæц  райрæзтис асты  онг.   Уый фæдыл   Закарашвили  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн фехъусын кодта.   Афтæма йæ  дзырдæй,  зæгъгæ цæфтæн  хос кæнынц   æмбæлгæ  медицинон уагдæтты.   Уыдонæй  сæ иуы  уавæр у уæззау.   Знон  Харьковы  зылды  Уæрæсейы оккупацион   тыхтимæ  бацæудзинады   мард дыууæ  гуырдзыйаг  æхстоны  тыххæй та, минæварады  хъусинагæй  мæрдтæ  ацы рæстæгмæ  ахæм территорийыл сты, кæцæй дæр сæ фыдыбæстæмæ  раласын  нармæ не нтысы.

«Дырыс  зæгъын мæ бон нæу, кæд  бантысдзæни Украинайы  фæмардуæвæг гуырдзыæгты  фыдыбæстæмæ  раласын.  Уый баст у, кæд   бантысдзæни  æдас бынатмæ  мæрдтæ раласын.  Уымæ гæсгæ  уыдзæн  дарддæры  маршрут.  Уый тыххæй  нырма  раджы  у  ууыл ныхас кæнын.  Æз куыд зонын афтæмæй,  мæрдтæ раласын архайынц  æмтохгæнджытæ,стæй  баиу уыдзæн æмбæлгæ  куыст  æмæ  сæ раласдзæн Гуырдзыстонмæ. Цалынмæ  мæрдтæ  æдас ранмæ нæ раласдзысты, уæдмæ  ацы маршрут  зæгхъын мæ бон нæу» –  банысан кодта Гиорги Закарашвили.