Турчы фæсарæн хъуыддæгты министрад - Тызмæг фауæм АИШ-ы минæварад Тель-Авивæй, Йерусалеммæ ахаст
Турк, АИШ-ы минæварады, Тель-Авивæй Йерусалеммæ ахæссын фауы, уый фæдыл дзырдæуы Турчы фæсарæн хъуыддæгты министрады публикацигонд фидиуæны.
Уагдоны фидиуæнæй, ацы къахдзæф, регионы нæ хъыгдары æдасдзинад æмæ стабилондзинадæн.
«Тызмæг фауæм АИШ-ы минæварад Тель-Авивæй, Йерусалеммæ ахаст, кæцы æхсæнадæмон барады æмæ ИНО-йы уынафæты хæлдæй сæххæст. Нысан кæнæм, цæмæй ацы къахдзæф, кæцы ницæмæ дары палестинаг адæмы бартæ, ахъаз нæу регионы сабырады, æдасдзинады æмæ стабилондзинады æрфидары хъуыддагæн» – дзырдæуы Турчы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.
Дипломативон минæварады байгомы церемонийы АИШ-ы президенты чызг Иванка Трамп, йе сиахс Джаред Кушнер.
Церемонийы параллелонæй, Йерусалемы АИШ-ы минæварады байгомы спротест кæнынæн Израилы арæнгæрон Гъазæйы секторы мингай палестинаг æрымбырд ис. Акцйы цалдæр хайадисæг, Израилы территоримæ ахизын бацархайдта æмæ Израилы æфсæддæттыл дуртæ æхсын райдыдта, кæцы расидтис змæстытæ. Æфсæддæттæ акцийы хайадисджытыл æхст байдыдтой. Быцæудзинады рæстæджы 40-æй фылдæр палестинаг фæмард.