Турчы фæсарæн хъуыддæгты министр -  афон у, цæмæйæ Украинайы территориты  оккупацийы банымады æмæ æхст фæурæды фарстатæ  кæрæдзийæ фæхицæн уой
Турчы фæсарæн хъуыддæгты министр - афон у, цæмæйæ Украинайы территориты оккупацийы банымады æмæ æхст фæурæды фарстатæ кæрæдзийæ фæхицæн уой

Афон у, цæмæй Украинайы   территориты  оккупацийы банымады æмæ æхст фæурæды фарстатæ  фæхицæн уа, –  уый фæдыл фидиуæн Турчы  фæсарæн хъуыддæгты министр Анталиайы  дипломатон  форумыл   дзырдæй  ралæуды рæстæджы сарызта.

Хакан  Фиданы дзырдæй, Турк нымайы, цæмæй Украинайы  цæугæ хæсты  фарсытæ  нырид баххæссыдысты  уыцы  максималон фæстиуджытæм, кæцытæм баххæссын  уыдис  сæ бон хæстон фæндагæй.

Фиданы  дзырдæй,  ныр афон  у, æхсты фæурæды фæдыл бадзырд райдайа.

«Уый нæ нысан кæны  оккупацийы  банымад, фæлæ нæ  уырны, цæмæй афон у, оккупацийы банымады æмæ суверенитеты фарстатæ æхст фæурæды  фарстайæ фæхицæн уа», – райхъусын кодта Турчы фæсарæн хъуыддæгты министр.

Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ æнæмæнгхъæугæ у,  цæмæй  европæйы  тæккæ астæу  хæст куыд  гæнæн ис афтæ  тагъд  фæуа.

«21-æм æнусы фондз сæдæ мин адæймагы  мæлæт æмæ рад бæстæты инфраструктурæйы  скуынæг  у  уыцы  реалондзинад,   кæцымæ  бафидауын  фылдæр рæстæг  нæй гæнæн», –  райхъусын кодта Фидан.

Фарстатыл дзуаппы рæстæджы Хакан Фидан  загъта, цæмæй  Анталиайы   уырыссаг   коллегæимæ  фембæлдыл  фарстаты æхсæн  уыдис   сабырадон   процесс  Кавказы, Сау денджызы  науты   æдас змæлд  æмæ Сириимæ  баст темæтæ.