Турчы бæрзонддæр æвзæрстгæнæн совет президентон æвзæрстыты уæлахизгондыл банымадта Реджеб Тайип Эрдогъаны
Турчы бæрзонддæр æвзæрстгæнæн совет президентон æвзæрстыты уæлахизгондыл банымадта Реджеб Тайип Эрдогъаны

Турчы  бæрзонддæр æвзæрстгæнæн совет  президентон æвзæрстыты уæлахизгондæй   банымадта  Реджеб Тайип  Эрдогъаны, – информаци уый фæдыл   туркаг медиа  хъусын кæны.

Турчы  бæрзонддæр  æвзæрстæгæнæн  советы  кхудариуæггæнæг Ахмет  Йенеры  фидиуæнæй,   Реджеб Таийп  Эрдогъан  президентон æвзæрстыты  дыккаг туры   фæуæлахиз ис  хъæлæстæы  52,14  процентимæ. Уый нысан кæны,  цæмæй Реджеб Таийп Эрдогъан  президентон мандат  фондз азы æмгъуыдæй   райсдзæн.

Турчы президентон æвзæрстыты  дыккаг тур  знон ацыд. Уым  14 майы   уагъд   æвзæрстыты   сегасдæр хуыздæр   фæстиуæг кæмæн ис,  ахæм дыууæ кандидат,  архайæг  президент Реджеб Таийп Эрдогъан  æмæ йæ  оппозиционер  конкурент Кемал Киличдарогълу  истой  хайад.