Турчы, афтæхуыйнæг Зангезурийы къæлидоры мидæг æфсæнвæндаджы арæзтад райдыдта
Турчы, афтæхуыйнæг Зангезурийы къæлидоры мидæг æфсæнвæндаджы арæзтад райдыдта

Турчы афтæ хуынæг Зангезуры къæлидоры фæлгæтты æфсæнвæндаджы арæзтад райдыдта. Уый фæдыл  туркаг меди парахат кæны.

Сæ ныхасмæ гæсгæ, 224 километрон æфсæнвæндаджы хаххы арæзтад райдайыны церемонийы хайад иста Турчы транспорты æмæ инфраструктурæйы министр Абдулкадир Уралоглу.

Уый у Карс-Игдыр-Аралык-Дилужюйы æфсæнвæндаджы хахх, кæцы скæсæн Турчы горæт Карсы Азербайджаны Нахчываны Республикæимæ баиу кæндзæн.

Турчы транспорты æмæ инфраструктурæйы министр куыд расидтис афтæмæй, æфсæнвæндаг æрвылаз дæр ифтонг кæндзæн фондз милуан бæлццон æмæ 15 милуан уæзласæн.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æфсæнвæндаджы арæзтад фæуыдзæн 2029 азы кæронмæ.

«Ацы æфсæнвæндаджы арæзтад райдайгæйæ, мах аразæм фыццаг конкретон къахдзæф афтæ хуынæг Зангезуры къæлидор саразыны æрдæм» – райхъусын кодта Уралоглу.

Министры ныхасмæ гæсгæ, проекты аргъ 2.4 миллиард евро у нымад æмæ финансгонд æрцæудзæн фæсарæйнаг хæсты фæрцы.

Афтæ хуынæг Зангезуры къæлидоры фæлгæтты, Азербайджаны 150 километры дæргъæн æфсæнвæндаджы хахх æмæ 20 километры дæргъæн хахх реконструкци кæнын план кæнынц. Туркы хицауад ныфс дары, цæмæй проекты фæлгæтты куыст æмрæстæджы фæуыдзæн Турк æмæ Азербайджаны территорийыл.

«Абон мах байдзаг стæм æнæзæгъгæ циндзинад æмæ сæрыстырдзинадæй, куы гом кæнæм Зангезуры къæлидоры дуæрттæ, кæцы Хуссар Кавказы сабырад æмæ дидинæфтыды ног дугмæ æркæндзæн», — загъта Абдулкадир Уралоглу.