Тони Блеры хъуыдымæ гæсгæ бритайнаг депутаттæ йæ фарс ма хъуамæ рахæцой Брекситы бадзырды кæцыфæнды версийæн
Стыр Британийы раздæры премьер-министр Тони Блер хъуыды кæны, цæмæй бритайнаг депутаттæ йæ фарс ма хъуамæ рахæцой Брекситы бадзырды кæцыфæнды версийæн. Блеры хъуыдымæ гæсгæ кæцыфæнды бадзырд бæстæйæн уыдзæн зианхæссæг.
«Алы верси, кæцы нын ныры онг æрбавдыстой, æвзæр уыд. Парламенты уæнгтæ йын ма хъуамæ схъæлæс кæной æмæ раттой адæмæн фадат, цæмæ кæронбæттæн ныхас сæхæдæг зæгъой» – хъусын кæны Тони Блер.
Британи Евроцæдисы скондæй 2019 азы 29 марты хъуамæ рацæуа, фæлæ официалон ЛОндоны æмæ организацийы æхсæн брекситмæ гæсгæ, бадзырд нырмæ нæ сырæзт.