Тони Блеры хъуыдымæ гæсгæ бритайнаг депутаттæ йæ фарс ма хъуамæ рахæцой Брекситы бадзырды кæцыфæнды версийæн
Тони Блеры хъуыдымæ гæсгæ бритайнаг  депутаттæ  йæ фарс ма хъуамæ рахæцой  Брекситы  бадзырды  кæцыфæнды версийæн

Стыр Британийы раздæры премьер-министр  Тони Блер хъуыды кæны,  цæмæй бритайнаг  депутаттæ  йæ  фарс  ма хъуамæ рахæцой  Брекситы  бадзырды  кæцыфæнды версийæн.  Блеры хъуыдымæ гæсгæ  кæцыфæнды  бадзырд  бæстæйæн уыдзæн зианхæссæг.

«Алы верси, кæцы нын ныры онг  æрбавдыстой, æвзæр уыд.  Парламенты уæнгтæ йын ма хъуамæ  схъæлæс кæной æмæ  раттой  адæмæн фадат, цæмæ кæронбæттæн ныхас сæхæдæг  зæгъой» –  хъусын кæны Тони Блер.

Британи  Евроцæдисы скондæй  2019 азы  29 марты  хъуамæ  рацæуа, фæлæ официалон   ЛОндоны æмæ  организацийы æхсæн  брекситмæ гæсгæ,   бадзырд  нырмæ   нæ сырæзт.