Тони Блер, бæстæйы сырæзт вазыгджын политикон уавæрæй иунæг рацæуæныл нымайы, Бреситы фæдыл фæлхатгæ референдум ауадзын
Тони Блер,   бæстæйы  сырæзт  вазыгджын  политикон уавæрæй  иунæг рацæуæныл нымайы,   Бреситы фæдыл  фæлхатгæ  референдум ауадзын

Стыр  Британийы раздæры   премьер-министр Тони Блер,   бæстæйы  сырæзт  вазыгджын  политикон уавæрæй  иунæг рацæуæныл нымайы,   Бреситы фæдыл  фæлхатгæ  референдум ауадзын.  Уый фæдыл  раздæры премьер  агентад  «Франс Прессæн»  лæвæрд  интервьюйы  рæстæджы  загъта.

Тони Блер   архайæг премьеры  Тереза Мейы,  брекситы  концепцийы  схуыдта   планæй  кæцы  никæмæн цæуы йæ зæрдæмæ.

Блеры  ныхæстæм гæсгæ,   афон у зæгъгæ  Мей  басæтта,    цæмæй  бæстæйы  æххæст хаосæй  ракæнын  йæ бон у  ног референдумæн.

«Иухатт   алцыппæт  райдыдта референдумæй  æмæ  æцæгæй  куы  зæгъæм,  алцыппæт уый  кæрон скæнын, гæнæн ис  фæлхатгæ  хъæлæскæнынады фæрцы», –  райхъусын кодта   Британийы   раздæры премьер.

Уый размæ  Тереза  Мейы  пресс-нымæрдар  райхъусын кодта,   ома  Евроцæдисæй  Стыр Британийы   рацæуынмæ  гæсгæ, фæлхатгæ референдум   зæгъгæ ницы амæлтты  ацæудзæн.

Июлы райдианы, Тереза Мей «Бреситы» концепци бавдыста,  кæцы Евроцæдисимæ  сæрибар зонæ  саразын,   афтæдæр  Ирланди æмæ  Цæгат Ирландийы æхсæн арæныл  сæрибар змæлд  дары  йæ хъуыдыйы.  Æнæкæсгæ уымæ æмæ   премьеримæ,  кабинеты уæнгты  фылдæры хай сразы  сты, йæ план  Британийы  Евроцæдисæй  рацæуыны   дæрзæг  варианты фарсхæцджытæ скритикæ кодтой.

«Брекситы» фæлмæн варианты  ныхмæ  протесты  нысанæй,  сæ постытæ ныууагътой  «Брекситы»  фарстаты министр  Девид  Дейвис æмæ  фæсарæн хъуыддæгты министр   Борис Джонсон.