Томас Бах - Олимпиадæ ахæцынæй ныппырх уыдзæн 11 мин спортсмены бæллицц
Æппæтадæмон Олимпион Комитеты президент, Томас Бах банысан кодта, цæмæй йæ организаци лæмбынæг йæ цæст дары коронавирусы пандемийы фоныл 2020 азы Олимпион хъæзтытыфæдыл ситуацимæ.
«Нæй гæнæн Олимпиадæйы æндæр рæстæгмæ ахæцын. Уый нæу футболы матч, кæцы æввахс сабат хъуамæ ацæуа – æрхаста Бахы ныхæстæ SWR. – Уый тынг вазыгджын процесс у, кæцымæ гæсгæ хъуамæ архайæм тынг аргъджын аргументтæ. 24 сахаты æмæ къуырийы авд боны дæргъы анализ кæнæм алы амал. Хъæзтыты æмгъуыдтæ ахæцынæй, ныппырх уыдзæн 206 бæстæйы 11 мин спортсмены бæллиццытæ».