Тини Кокс - оппозицион партитæ ахицæн кодтой, ног парламентæн бойкот расидын, кæцы нæбадгæ у æвзæрстыты мидисимæ
Сидын уæм, ногæй рабæлвырд уæт хъастытæ иууылдæр, кæцы хъуыстис æвзарæнон процессы æрдæм, сидын хицаугæнæг партимæ æмæ æндæр партитæм иууылдæр, баиу уæт хъуыдыджын диалогмæ, цæмæй аскуыддзаг уа алы уыцы проблемæ, кæцы разындис æмæ цæмæй адарддæр уа æ1взарæнон æмæ расттæрхоны реформæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны ацæугæ парламентон æвзæрстыты фæдыл раныхасгæнæг, бельгийаг депутат Тини Кокс Европæйы Советы парламентон ассамблейы сессийыл райхъусын кодта, кæцыйыл Гуырдзыстоны ацæугæ æвзæрстыты фæдыл цæстдарæг миссийы хыгъдлæвæрд кæсынц.
Тини Коксы дзырдæй, 2020 азы парламентон æвзæрстыты сæйраг проблемæ нæ уыдис сæрибардзинад гъæд, проблемæ уыдис рæстагдзинад гъæд.
«Хатдзæгы хуызæй зæгъдзынæн, цæмæй ай уыд æвазæрстытæ конкурентджын æмæ абаргæйæ уæгъдибар. Æвзæрстыты хайад истой 48 парти æмæ дыууæ блокы. Дæс партийæ æрцыдысты æнтыстмæ æмæ фæйнæйæ фылдæр минæвар бакодтой парламентмæ. Ацы æвзæрстыты сæйраг проблемæ нæ уыдис сæрибардзинады гъæд, проблемæ уыдис рæстагдзинады гъæд. Æвзарæнон кампанийы рæстæджы хицаугæнæг парти æмбæлгæйæ нæ цыт кодта уыцы хаххæн, кæцы сæ паддзахадæй хицæн кæны, цæстдарæг мисси куыд сфиксир кодта афтæмæй. Ноджы иу сæйраг проблемæ у уый, цæмæй æндæр партитæ ахицæн кодтой, бойкот расидын ног парламентæн, кæцы йæ ныхмæ у æвзæрстыты миниуджытæн, кæцы нысан кæны æвзæрстгæнджыты минæварад парлдаменты. Нæ æмраныхасгæнджытæн ныридæгæн сæм æрсидтысты, уыдонмæ цæмæй ног парламенты сæ бынæттæ бацахсой, Гуырдзыстоны демократи фæфидардæр кæнынæн. Нæ хъуыдымæ гæсгæ уый у зондджын уынаффæ, уый тыххæй дæр рацыдтæн сидтæй, ногæй рабæлвырд уæд алы хъаст, кæцы хъуыстис æвзарæнон процессы æрдæм. Сидын хицаугæнæг партимæ æмæ алы æндæр партитæм иууылдæр, баиу уæт хъуыдыджын диалогмæ, цæмæй аскуыддзаг уа алы уыцы проблемæ, кæцы разындис æмæ цæмæй адарддæр уа æвзарæнон æмæ расттæрхоны реформæ»- бафтыдта ма Кокс.
Евросоветы парламентон ассамблейы Гуырдзыстоны ацæугæ парламентон æвзæрстыты мониторингы фæдыл хыгъдлæвæрд публикаци скодта цалдæр боны размæ. Хыгъдлæвæрды автор у Тини Кокс. Хыгъдлæвæрды банысангонд у, цæмæй Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстытæ уыд конкурентджын, фундаментон бартæ уыдысты хъахъхъæд. Уыйимæ иумæ, Евросоветы парламентон ассамблей сиды алы политикон партимæ, ног парламенты бацахсæт сæрмагонд бынæттæ æмæ йæ демокративон куыстæн бын ма ракъахæт.