Тинатин Бердзенишвили – 5 июлы  тыхмидзинадæн сраст  кæнын нæй, уый ницæмæй ивд уыдзæн,  дарддæр ма цы фæнды фенæм, уæддæр
Тинатин Бердзенишвили – 5 июлы тыхмидзинадæн сраст кæнын нæй, уый ницæмæй ивд уыдзæн, дарддæр ма цы фæнды фенæм, уæддæр

5 июлы цы æрцыд, уый у тыхмидзинад, æмæ йын сраст кæнын гæнæн  нæй,   ницы разæууæлттæ  хъæуы,  нæдæр расайæг  æмæ нæдæр фæдылдзог аххосæгты агурын, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  генералон директор  Тинатин Бердзенишвили  алæвæрд  «Ахали Дгъе»-ы    райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ журналисттыл тыхмидзинады факттæ,  бирæ уæрæхдæр спектры  æркæсын хъæуы, куыд адæймагыл  тыхмидзинад.

«Æцæгдæр  тынг уæззау æмæ  вазыгджын бон у, бон нæ фæлæ,  æнæхъæнæй  къуыри.  Ай  патетикæ нау. 5 июлæй  æцæгдæр  тынг зын уыдис æмæ  бæрæг хайæ, прецедент цæмæн нæй   ахæм дæр.  Стæй  знон цы æрцыд, уымæй  фæцис.  Ай у трагеди   æнæрмæст медийæн.  Уæдмæ дæр  бирæ хатты  загътон, цæмæй  цы æрцыд, журналисттыл тыхмидзинад, уый у  адæймагыл тыхми.  Æрмæст æй  медийы  æрдгæй ма хъуамæ кæсæм, мæнмæ  гæсгæ,  æгæр   нарæг  спектр у уый æмæ йæ хъæуы  бирæ  уæрæхдæр спектры  æркæсын.  Хуымæтæгæй  не нхъæлын, цæмæй  уа адæймаг, æмæ  мæ  уырнгæ дæр нæ кæны, цæмæй  ахæм иску ис,  æмæ  зноны  бон афтæ  дырыс  ма мбарит æмæ  йын трагеди ма уа,  цы æрцыд уый.  Афтæ мæ фæнды уырна мæ», –  райхъусын кодта Тинатин Бердзенишвили.