The Wall Street Journal – президент Трампы бинонты æнæзмæлгæ мулкы компани Тбилисы 70-уæладзыгон арвæрдынгæнæг, Трампы мæсыг Тбилисы саразын план кæны
The Wall Street Journal – президент Трампы бинонты æнæзмæлгæ мулкы компани Тбилисы 70-уæладзыгон арвæрдынгæнæг, Трампы мæсыг Тбилисы саразын план кæны

АИШ-ы президент Дональд Трампы бинонты æнæзмæлгæ мулкы компани, йæ партнертимæ иумæ, Тбилисы ног арвæрдын сараздзæн.

«Уолл Стрит Джорналы» информацийæ, Трампы организаци, бынæттон партнертимæ иумæ, Гуырдзыстоны сæйраг сахар Трамп Тауэр Тбилисы 70-уæладзыгон люксон цæрæн комплекс саразын план кæны.

«Кавказы плангонд цæуы арæзт ног Трампы номыл арвæрдынгæнæн, кæцы у ноджы иу дæнц, куыд аивта Трампы бинонты компани йæ ахаст фæсарæйнаг бизнесмæ Трампы дыккаг æмгъуыдмæ» – фыссы публикацийы.

«Уолл Стрит Джорналы» статьяйы ис фыст, цæмæй арæзт куы фæуа, уæд уый Тбилисы сеппæтæй бæрзонддæр бæстыхай уыдзæн.

Зындгонд куыд у афтæмæй, проекты хайад исы Нью-Йоркы бындурæвæрд девелопер æмæ Трампы раздæры партнер «Sapir Organization» дæр.

Статьяйы ма фыст ис, цæмæй Трамп бирæ азты размæ фæндыд Гуырдзыстоны арвæрдынгæнæн саразын, фæлæ, æндæр бæстæты плангонд бирæ проектты хуызæн, «ныууагъта йæ, потенциалон интересты конфликты фæзынды тыххæй».

Статьяйы куыд банысангонд у афтæмæй, ног проект афтæдæр сног кæны Трампы бренды æмæ Гуырдзыстоны æхсæн æнæивгæ истори.

«2012 азы Трампы организаци фехъусын кодта Сау денджызы курортон горæт Батумы æнæзмæлгæ мулкы проекты нывæзты тыххæй, фæлæ компани йæхи аиуварс кодта уыцы проектæй æмæ бирæ æндæр фæсарæйнаг бадзырдтæй, уымæн æмæ Дональд Трамп загъта, цæмæй йæ фæнды, цæмæй ма æрцæуа потенциалон интересты конфликты равзæрд», – фыссы публикаци.

Статьяйы «Уолл Стрит Джорнал» Гуырдзыстоны характеристикæ кæны куыд ахæм бæстæ, кæцы æмбæлон уавæртæ саразгæйæ, архайы ахастыты балансир кæнын æмæ капитал æрбангом кæнын.

«Гуырдзыстон йæхæдæг ахсы геополитикон æнкъарæн позици, балансир кæны ахастытæ Ныгуылæнимæ, афтæдæр йæхи хизы Уæрæсеимæ æнæразыдзинадæй.Фæстаг азты уый дæр тырныдта фæсарæйнаг капитал æрбангом кæнын бизнесæн æмбæлон политикæйы, æввахс ныллæг хъалонты æмæ рæзгæ туристон секторы æххуысæй» – фыссы «Уолл Стрит Джорнал».

Уымæй дарддæр ма, публикацийы информацийæ, проекты реализацийы баст уыдзысты гуырдзиаг компанитæ Archi Group æмæ Biograpi Living дæр.