Тереза Мэй райгонд у АИШ-ы, Канадæ æмæ евроцæдисы уæнг бæстæты скуыддзагæй, уырыссаг дипломатты ратарыны фæдыл
Стыр Британийы премьер-министр Тереза Мэй райгонд у АИШ-ы, Канадæ æмæ Европаг бæстæты æрдгæй уырыссаг дипломатты феддæдуар кæныны скуыддзагæй. Уый фæдыл дзырдæуы, премьер-министры канцелярийы публикацигонд фидиуæны.
«Райгонд дæн не мцæдисонты абоны скуыддзагæй, кæцы бæлвырдæй æвдисы уый æмæ мах æрсæй-фæрстæм лæууæм æмæ Уæрæсейæн æрвитæм сеппæтæй серьозон сигнал, ома уый никуы адарддæр кæндзæн æхсæнадæмон барады сæттын» – дзырдæуы фидиуæны.
Йæхи æрдгæй, Стыр Британийы фæсарæн хъуыддæгты министр Борис Джонсон уырыссаг дипломатты феддæдуар кæныны историйы, уырыссаг рагысгарæг офицерты сеппæтæй масштабон коллективон феддæдар кæнынæй схуыдта.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй абон уырыссаг дипломатты феддæдуар кæнын ахицæн кодтой АИШ-æ, Канадæ, Украинæ æмæ Евроцæдисы 14 бæстæ. Æдæппæт фыдыбæстæмæ тыхбынæй æрыздæхдзæн 100 уырыссаг дипломат.