Тереза Мэй  хъусын кæны, цæмæй кæд парламент Брекситы план сбæлвырд кæндзæн, уæд йæ пост ныууадздзæн
Тереза Мэй хъусын кæны, цæмæй кæд парламент Брекситы план сбæлвырд кæндзæн, уæд йæ пост ныууадздзæн

Иугонд Паддзахады  хицауады сæргълæууæг  Тереза Мэйы  дзырдæй,   зæгъгæ йæ пост  уыцы   цауы ныууадздзæн, кæд æмæ парламент  Брюсселимæ йæ  къухæфæрд, фæд-фæдон брекситы  план сбæлвырд кæндзæн.  Уый фæдыл  информаци, телекомпани  «Айтивийы»  фæлгæсæг  Роберт Пестон  ахæлиу кодта.

ЙÆ  информацийæ,  Тереза Мэй Брекситы фарсхæцæг  депутаттимæ фембæлд.  Пестоны  дзырдæй,   фембæлд Чекерсы  уæвæг Тереза Мэйы  ныдæнуаты ацыд.  Тереза Мэй  депутаттæн баныфсвæрдта, цæмæй   кæд уыдон  Брекситы план сбæлвырд кæндзысты,   уæд  премьер-министры пост ныууадздзæн.

Бакой уын кæндзыстæм, Британий Евроцæдисы скондæй  29 марты хъуамæ  рахицæн уа. Фæлæ  Тереза Мэй æркуырдта, цæмæй  процесс, 22  майы онг адарддæр уа.  Брюссель  æркуырдимæ сразы ис, фæлæ уыцы  цауы, кæд  фæд-фæдон планы Стыр Британйиы парламент сбæлвырд кеæндзæн  уæд.