Тереза Мэй хъусын кæны, цæмæй Брекситы æмгъуыд ахæцын сырæзт уавæрæй рацæуæн нæ уыдзæн
Стыр Британийы премьер-министр Тереза Мэй хъусын кæны, цæмæй Брекситы æмгъуыд ахæцын сырæзт уавæрæй рацæуæн нæ уыдзæн. ВВС-ы хъусинагæй, уый фæдыл Тереза Мэй парламенты дебатты рæстæджы райхъусын кодта.
«Уынаффæ æнæивгæ у – бадзырд æнæ бадзырдæй кæнæ та æппын ницы Брексит» – райхъусын кодта Стыр Британийы премьер.
Бакой уын кæндзыстæм, ивгъуыд къуырийы Стыр Британийы парламент Евроцæдисимæ Тереза Мэйы хицауад цы разыдзинадмæ баххæссыд, уымæн йæ фарс нæ рахæцыд.
Стыр Британи Евроцæдисы скондæй 29 марты хъуамæ рацæуа.