Тереза Мэй хъусын кæны, цæмæй Брекситы æмгъуыд ахæцын сырæзт уавæрæй рацæуæн нæ уыдзæн
Тереза Мэй  хъусын кæны, цæмæй Брекситы æмгъуыд ахæцын сырæзт уавæрæй рацæуæн нæ уыдзæн

Стыр Британийы  премьер-министр  Тереза  Мэй  хъусын кæны,  цæмæй  Брекситы æмгъуыд ахæцын  сырæзт уавæрæй  рацæуæн нæ уыдзæн.  ВВС-ы  хъусинагæй,   уый фæдыл Тереза  Мэй    парламенты   дебатты  рæстæджы райхъусын кодта.

«Уынаффæ   æнæивгæ  у – бадзырд æнæ бадзырдæй  кæнæ та æппын ницы  Брексит» –  райхъусын кодта  Стыр Британийы  премьер.

Бакой уын кæндзыстæм, ивгъуыд къуырийы  Стыр Британийы   парламент  Евроцæдисимæ  Тереза Мэйы  хицауад   цы разыдзинадмæ баххæссыд, уымæн йæ  фарс нæ рахæцыд.

Стыр Британи  Евроцæдисы  скондæй  29  марты   хъуамæ рацæуа.