Тереза Мей – Ме æрдæм æнæууæнк расидынæн плангонд халæппæрстыл алы амæлттæй стох кæндзынæн
Стыр Британийы премьер-министр Тереза Мей, уымæн æнæууæнкы расидынæн плангонд халæппæрсты тыххæй ныхас кæны æмæ дзуры, цæмæй халæппæрстыл алы амæлттæй бацархайдзæн цæмæй ба басæтта.
«Сэр Грэхем Бреди сбæлвырд кота, цæмæй йæм ис 48 фыстæг консервативон партийы депутаттæй, уырдгæй бæрæг у, цæмæй мæ лидердзинадмæ гæсгæ æнæууæнк расидынæн халæппæрст нæ фæкъуыхцы уыдзæн. Стох кæндзынæн ацы халæппæрстыл алы амæлттæй. 40 аз у консервативон партийы уæнг дæн. Уыдтæн активист, канцлер, парламенты уæнг, цæгатварс министр, мид æдасдзинады нымæрдар æмæ ныр та премьер-министр. Сдæн лидер, уымæн æмæ хуыздæр фидæны тыххæй мæ уырны консервативон цæстæнгасы. Консервативон партийы лидеры ивд ныр нæ бæстæйы фидæн рискъы æмæ æнæбæрæг уавæры тасы раз слæууын кæндзæн» – райхъусын кодта Тереза Мей.
Премьеры дзырдæй, уый абон изæр Дублинмæ араст уын план кодта, фæлæ халæппæрсты тыххæй, визит аивдта. Тереза Мей банысан кодта, цæмæй йæ куыстæй сисыны цауы, ног лидерæн йæ баныт бацахсын 21 январы онг нæ бантыстдзæн, уыцы датæйы онг, Лордты палатæ Брекситмæ гæсгæ къухбафыст бадзырдæн куы хъуамæ сæппара хал.
Халæппæрст КОнсервативон партийы комитеты бынæттон роæстæгæй, 18:0 сахатмæ у плангонд. Уæдмæ та, премьер-министр Лордты палатæйы депутатты фарстытæн ратдзæн дзуаппытæ.