Теона Акубардиа - Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады æнæсдзырды фоныл, сидæм ныгуылæйнаг партнертæм, дзуапп раттой Уæрæсейы къахдзæфтæн Гуырдзыстоны суверенитеты ныхмæ
Теона Акубардиа - Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады æнæсдзырды фоныл, сидæм ныгуылæйнаг партнертæм, дзуапп раттой Уæрæсейы къахдзæфтæн Гуырдзыстоны суверенитеты ныхмæ

Иванишвилийы режим куы дарддæр кæны Ныгуылæнмæ бырсын суанг ныгуылæн Гуырдзыстоны катастрофæйы зонæйæ уыцы рæстæдджы та, Уæрæсейы æрдыгæй Гуырдзыстоны суверенитеты хæлды æндæр тыхстгæнæг факттыл æнæдзургæйæ лæууы, куыд Сочæйæ оккупацигонд Сухуммæ фыццаг æфсæнвæндагон поезды æрбацыд æмæ Уæрæсейæ дыккаг комкоммæ уæлдæфон змæлд,  – Уй фæдыл парти  «Гахариа Гуырдзыстоны Тыххæй»-ы уæнг, Теона Акубардиа абоны брифингыл райхъусын кодта.

Теона Акубардиайы расидæнмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады æнæдзургæйæ, парти «Гахариа Гуырдзыстоны Тыххæй» ныгуылæйнаг партнертæм сиды, æмбæлонæй реагир кæной ацы къахдзæфтæн, кæцытæ Уæрæсе Гуырдзыстоны суверенитеты ныхмæ сарæзта.

« Иванишвилийы режим 2023-æм азы Сухумы аэропортмæ  Уæрæсемæ æнæзакъонæй æрбаласты тыххæй æнæдзургæйæ куы баззад, уæд иста уæрæсейаг закъæттæ, афтæмæй Гуырдзыстоны суверенитеты ныхмæ Ныгуылæнæй изоляцийæн бындур цæттæ кодта». Ныр уыцы изоляцийы фоныл мах стæм æвдисæн Уæрæсейы æрдыгæй Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетмæ фæкарздæргонд бабырстæн, ацы цауы та Иванишвилийы, знагимæ, æнæдзургæ разыдзинадæй, йæхи бæстæйы ныхмæ æмгуыстадæн. «Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады æнæдзургæйæ, мах сидæм нæ ныгуылæйнаг партнертæм, æмбæлон реагир кæной ацы къахдзæфтæн, кæцытæ Уæрæсе сарæзта Гуырдзыстоны суверенитеты ныхмæ», -расидтис Акубардиа.