Тенгиз Церцвадзе – вакцинаци æмæ маскæтыл нæзагъд куы ракæнæм, уæд коронавирусы æртыккаг уылæн Гуырдзыстоны тагъд райдайдзæн
Тбилисы инфекцион рынчындоны директор Тенгиз Церцвадзейы фидиуæнæй, Гуырдзыстоны коронавирусы ахæлиуы æртыккаг уылæн тагъд райдайдзæн, кæд цæрджытæ вакцинацимæ нæ рацæудзысты æмæ маскæтæ нæ дардзысты уæд.
Церцвадзе абоны бриингыл дзуапп ратта фарстæн, зæгъгæ «ацы темпæй куы цæуа вакцинаци, уæд кæдмæ æнхъæлмæ кæсæм æртыккаг уылæнмæ».
«Ахæм куылмыпыйæ куы адарддæр уа, уæд бæлвырд ничи зоны, фæлæ æнхъæлцау уыдзæн европæйы бæстæты параллелонæй, Европæйы иуæй-иу бæстæйы ныридæгæн райдыдта, дæнцæн Францы. Германи тынг арæхсгай сты, канцлер Меркел сарызта куырдиат, уый фембæлдис фарсыты премьер-министртимæ æмæ адарддæр кодта локдаун 28 марты онг, уымæн æмæ æнхъæломæ кæсынц æртыккаг уылæнмæ. Афтæмæй æртыккаг уылæн иуæй-иу бæстæйы ныридæгæн райдыдта, æмæ Гуырдзыстоны дæр тагъд райдайдзæн, кæд вакцинацимæ нæ рацæудзыстæм æмæ маскæтæ нæ дардзыстæм, уæд», – банысан кодта Тенгиз Церцвадзе.