Тенгиз Церцвадзе – алы политикон ориентацийы, хъауджы цæстæнгасы эксперт иумæ хъуамæ слæууæт, цæмæй  цæрджыты  бауырнын кæнæм вакцинацимæ рацæуын
Тенгиз Церцвадзе – алы политикон ориентацийы, хъауджы цæстæнгасы эксперт иумæ хъуамæ слæууæт, цæмæй цæрджыты бауырнын кæнæм вакцинацимæ рацæуын

Инфекцион рынчындоны директор Тенгиз Церцвадзе  «NDI» -ы иртасæны кой кæны, кæцымæ гæсгæ  дæр  рафарстгонд æмбæстæгты 41 процент нымайы, цæмæй  коронавирусы ныхмæ  вакцинацийыл  сразы уыдаит, афтæдæр 41  процент вакцинациимæ  разы не сты.

Тенгиз Церцваедз  алкæмæ сиды вакцинацийы алыварс баиу уынмæ.  Йæ  ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ  цæрджыты  фылдæры хайы хъуамæ бауырна,ц æмæй вакцинæ æнæмæнгхъæугæ у.

«Æмбарын  кæйдæрты æрдзон скептицизм, кæмæндæр та  ис  мотив, цææмй вакцинаци ма ацæуа. Фæлæ  хъуамæ бацархайæм цæмæй  æнæразыдзинæдтæ  аиуварс кæнæм, ацы хъуыддаджы  бæстæ хъуамæ  уа  иугонд.  Алы  политикон  ориентацийы, кæнæ  хъауджы цæстæнгасы  эксперт хъуамæ слæууæт иумæ, æмæ бауырнын кæнæм цæрджыты  фылдæр  массæ, цæмæй вакцинаци æнæмæнгæй  саразæт.  Бæстæйы  нысаноныл нымад цæуы  60-65 процент. Кæд нын уый бантыса цæмæй  бæстæй 60-65 проценты  вакцинаци ацæуа, уæд  нын  бæстæйы уыдзæн имунон  фæлтæр,  уымæ ма  бамхас уыдзысты уыцы пациенттæ, чидæриддæр ковидæй  снæниз сты  æмæ  сын ис æрдзон иммунитет.  Уый уыдзæн практиконæй  100 процентджын гаранти  цæмæй бæстæйы пандемийы  æмæ эпидемийы   дарддæры уылæнтæ нал уыдзæн.  Уыцы 20 процент та, кæцы нæ уыдзæн вакциниргонд  кæнæ  иммунитетæй  цух,  уыдонимæ уыдзæн  хицæн фембæлдтæ, фæлæ  уый  нæ бандавдзæн  нæдæр бæстæйы  экономикæмæ, нæдæр  хъуыддагджын зылдты активондзинадмæ, уымæн æмæ  сын клиникон сектор æнцонтæй бафæраздзæн» – загъта Церцвадзе.