Тенгиз Церцвадзе - сбæрæг ис коронавирусы ног штам, кæцы гæнæн ис «омикронау» цырд хæлиу кæна æмæ уа «дельтайау» уæззау
Инфекцион рынчындоны директор Тенгиз Церцвадзейы информацийæ, профессорты къорд публикаци скодтой рагагъоммæ бæрæггæнæнтæ, ома фæбæрæг ис коронавирусы ног штам, кæцы нырма 17 адæймагæн сбæрæг.
Церцвадзейы дзырдæй, зæгъгæ гæнæн ис коронавирусы ног вариантæн уа «Омикроны» хæлиукæнынады хъомад æмæ «Делтайау» уæззау уа.
Уыимæ ма Церцвадзе дзуры, цæмæй нырма исты ног симптомтыл ныхас нæ цæуы.
«Ацы штамм у, ерын рох «делтайы» æмæ «омикроны» гибрид, схуыдтой йæ «делтамикронæй». Уый тыххæй цæмæй цауты нымæц нырма æгæр ъцус у, сæбон уый зæгъын нæу, цас хæцгæ уыдзæн ацы штам, куыд цырд хæлиу кæндзæн, «омикронау» кæнæ куыд уæззау, кæнæ рог цыд йын уыдзæн. Гæнæн ис ацы штаммæн уа «омикроны» хæлиукæнынады ъхомад, æмæ дельтайы цыдау уæззау уа. Фæлæ нырма æрмæст 17 цау сты бæрæг æмæ ацы уынаффæ æнцой кæны æрмæст ног штамы структурон анализыл. Симптомтыл исты ног информаци нæй, бæрæг куыд у афтæмæй, йын ис хуымæтæг коронавирусы миниуджытæ» – загхта Церцвадзе.