«Telegram»-ы дзурынц цæмæй Павел Дуровæн, кæцыйы знон Францы аэропорты æрцахстой, басусæг кæнинаг ницы ис.
Уæрæсейы гуырд 39 аздзыд миллиардер, «Телеграммы» бындурæвæрæг Павел Дуровы æрцхастой, йæ хисæрмгаонд хæдтæхæг Паризмæ хæстæг, Ле Буржейы аэропорты куы æрбадтис.
Дуров Уæрæсейы æмæ Дубайийы цæры, уымæ ис Иугонд Арабаг Эмиратты æмæ Францы æмбæстагад
Медиайы ахæлиугонд информацийæ, фæдагуырды сæйра нысан «Телеграммыл» модераторты цухдзинад у, кæцы барадхъахъхъæнджыты хъуыдымæ гæсгæйæ, йæ къух аразы криминалон архæйдтытæн.
Афтæма, ахæлиугонд информацийæ, гæнæн аххосæгты нымæцы ис терроризм, наркотиктæ, фæлывдмидзинад, æхца ссурс кæнын æмæ фыдракæнд басусæг кæнын.