«Телеграф» - берлины фæнды Украинайы НАТО-ы уæнгсуæвыны ахæцын, уымæн æмæ Уæрæсеимæ гæнæн хæсты тас уыны
Бритайнаг «Телеграфы» хъусинагæй, Берлины фæнды Украинайы НАТО-йы уæнгсуæвыны ахæцын, уымæнæ æмæ Уæрæсеимæ гæнæн хæсты тас уыны. Уый фæдыл «Телеграфимæ» ныхасы анонимон равзæрæн райхъусын кодта.
«Телеграфы» информатор куыд бæлвырд кæны, афтæмæй, иннæ къуырийы Вильнюсы плангонд НАТО-йы саммитыл Германи рацæудзæн сидтæй, цæмæй æмцæдисонтæ сæ хъусдард, Украинайы НАТО-йы уæнгсуæвыны темæмæ нæ фæлæ Украинайæн æдасдзинады гарантитæ раттынмæ раздæхой.
«Телеграфы» хъусинагæй, Берлины нæ фæнды, цæмæй Путин рахата НАТО-йы уагæвæрды фæндзæм стати кæнæ та коллективон хъахъхъæнынад. Ацы стати йæ хъуыдыйы дары уый, цæмæй НАТО-йы иу уæнг паддзахадмæ бырст, нысан кæны æппæт альянсмæ бырст.
Уæдмæ Украинайы НАТО-йы уæнгсуæвыны фарстаыл фæныхас АИШ-ы президент Джо Байден загъта, цæмæй æгæр раджы у ацы темæйыл альянсы æмхъæлæсдзинад нæй.