Тея Цъулукиани  - 2017 азы   æмæ цæугæ азы  апрелы  ссардæуыдысты «Искандеры»  хæйттæ,  кæцытыл   нырма дæр ис  уый фæд ома  æхсæнгарз  æцæгæй дæр   Уæрæсейы  кæнгæ у
Тея Цъулукиани - 2017 азы æмæ цæугæ азы апрелы ссардæуыдысты «Искандеры» хæйттæ, кæцытыл нырма дæр ис уый фæд ома æхсæнгарз æцæгæй дæр Уæрæсейы кæнгæ у

2017  азы онг   Уæрæсе  Гуырдзыстонæн уайдзæфтæ кодта,  ома  Гуры  12  августы  æрхаугæ  «Искандер»  зæгъгæ дам   гуырдзиæгтæ  æрымысыдысты, фæлæ  2017 азы   æмæ цæугæ азы  апрелы  ссардæуыдысты «Искандеры»  хæйттæ,  кæцытыл   нырма дæр ис  уый фæд ома  æхсæнгарз  æцæгæй дæр   Уæрæсейы  кæнгæ у –  уый фæдыл  юстицийы министр   Тея Цъулукиани  Фыццаг Къаналы  алæвæрды  «42° Паралел»-ы.

«Уæрæсе  дзыртта, цæмæй   фотоæрмæг,  кæцы æнæрмæст  Гуырдзыстоны, фæлæ ма  Голландийы дæр, Голландиаг   журналисты  марындзинады  хъуыддагæй  рацæугæйæ   ис   – у  фотошоп зæгъгæ.  Мах  цы  лæмбынæг  куыст бакодтам  уый  фæстиуæгæн  2017 азы  ссардтам  Гуры  цы «Искандер» æрхауд  уый   хай,  йæ  састытæ  та  нырид   цалдæр къуырийы размæ,  апрелы  кæрон   ссардтам  зæгъæн ис  800  кг  уыцы  «Искандеры»   иннæ  хæйттæ дæр.  Уыдоныл дæр кæй  зæгъын æй хъæуы,   нырма дæр ис фæд,  цæймæ  ай  æцæгæй дæр хæцæнгарз у,  æмæ æцæгæйдæр  конд  у  дзуаппдæттæг  паддзахады – Уæрæсейы  Федерацийы   æмæ нæй  гæнæн  фотошопыл ныхас  кæнын   ацы  барадон дауы.

Абон нæм ис  голандиаг  фæдагуырды  фæстиуджытæ,  эскспертон  хатдзæгтæ  æмæ  материалон бæлвырдгæнæнтæ,  кæцытæ  тынг стыр тыхархайды фæстиуæгæн  ссардтам» – загъта  Цъулукиани.

Юстицийы  министры информацийæ,   «Искандеры» фыццаг хæйтты  ссарыны  фæстæ,  экспертизæ саразыны  æркуырдæй  баздæхтысты  Гаагайы  Тæрхондонмæ.

«Мах басидтыстæм Гаагайы  тæрхондонмæ   экспертизайы ауадзыны æркуырдæй,  кыддæр «Искандеры» хæйтты  ссардтам  афтæ  тагъд. Ацы  жкспертизæ  ацыд. Гаагайы   тæрхондонæй  нæм   бæлвырдгæнæн дæр бавдыстам 23  майы рабадтмæ, цææйм реалонæй   тугтæрхоны   æхсæнадæмон барады  эксперттæ  ацы  «Искандерæ» саразой  экспертизæ  æмæ нæ  ис кæцы æндæр  хæцæнгарзæн.АЙ у иттæг  нысаниуæгджын.Ис нæм  бирæ æндæр  бæлвырдгæнæн,   радарты   бæрæггæнæнтæ, кæцыты мидæг зыны  цæмæй   гуырдзиаг тыгъдады   ацы периоды  æрмæстдæр уыырссаг хæдтæхджытæ  тахтысты  æмæ уым гуырдзиаг   иугæндтæ æппын нæ уыдысты.  Нæ  уæлдæфон тыгъдад,  æнæхъæнæй, æрвылбойнонæй  ææ нæ  искæцы   иу бон,  ахст уыдис  уырыссаг  æфсæддон хæдтæхджытæн.

Куырм хъуамæ уай кæнæ дæ  æппын  ма  хъуамæ  фæнда  уый ма  фенын. Махмæ  афтæдæр ис  сейсмологион  хатдзæгтæ;  ис нын  фæсарæн хъуыддæгты  министрады официалон нотæ,  кæцы æрвыст æрцыд  Уæрæсейы  Федерацимæ æмæ   уый бæлвырдгæнæн дæр нæм ис, цæмæй  сæм æцæгæй дæрбахæццæ ис; Уыйæмæ Гуырдзыстон  10 августы боныцъæхыл  баурæдта æхст»- загхта  Тея Цъулукиани  алæвæрд  «42° Параллелы».

Æхсæнпаддзахадон   даууыл тæрхон  кæны  Страсбурджы тæрхондоны   Стыр Палатæ, кæцы 17 бæстæйы,  сæ нымæцы  Гуырдзыстонæй æмæ Уæрæсейæ   æвзæрст  тæрхонгæнджытæй  у комплектгонд. Стыр Палатæйæн къухдариуæг кæны  адæймаджы  барты  Европæйаг  тæрхондоны  президент   Гвидо  Раймонд.

Страбургы  тæрхондон  дарддæр кæны  хъуыддажы   кæсын, «Гуырдзыстон Уæрæсейы  ныхмæ (хъуыддаг II).  Байхъуыст  нысангонд у  23  маймæ.