Тея Ахвледиани - план кæнæм, оккупацигонд регионты конд продукцийы æддæ базартыл рæувадатдзинад сфитонг кæнын
Сæйраг приоритеттæй сæ иу у дих дзыллæты æхсæн базарад рапарахат кæнын, кæцы принципонæй нысаниуæгджын у фидыды æмæ æууæнк сæндидзын кæнынæн – уый фæдыл фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты Гуырдзыстоны паддзахадон министр Тея Ахвледиани, «Министры сахаты» форматы парламенты ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Министры дзырдæй, зæгъгæ быцæусидтытæй æфсæст пандемион афæдзмæ нæкæсгæ, бындурæвæрд æрцыд æмæ æххæстаргъджынæй скуыста уникалон финансон механизм «Сабырдзинады фонд», кæцыйы фæлгæтты уагхд дыууæ грантон конкурсы фæстиуæгæн, Абхазы æмæ Цхинвалы Регионæй æрцыд 100-йæ фылдæр квалифициргонд куырдиат, кæцытæй 50-йы онг бизнес-проект сфинанс ис æмæ сæ фылдæр æнтыстджынæй цæуы æххæст.
«Базарад баахъаз кæныны цæстæнгасæй,ф æнысангонд механизмы фæлгæтты цы прогресс ис уый бæлвырд кæны сабырадон инициативæты нысаниуæг. Афтæдæр мæ фæнды раарфæ кæнын АИШ-ы, Германийы, Иугонд Падзахады æмæ Швейцари хицауадтæн фонды техникон æмæ финансон æххуысы тыххæй.
Рæзгæ интересы тыххæй, фидæн азты план кæнæм, рапараххат кæнæм базардæн ахъаззаг процесс æмæ сифтонг кæнæ оккупацигонд регионты конд продукци æддæ базартыл рæувадатдзинад, Гуырдзыстоны экспортон фадæттæй пайдагæнгæйæ, сæ нымæцы DCFTA-ы фæлгæтты» – банысан кодта Тея Ахвледиани.