Тея Ахвледиани Абхазы оккупацион хаххгæрон хъæутæ Мужава æмæ Тъхъаиайы уыд
Фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстæты паддзахадон министр Тея Ахвледиани Абхазы оккупацион хаххы цур, Цъаленджихайы муниципалитеты хъæу Мужава æмæ Зугдиды муниципалитеты хъæу Тъхъаиайы уыд.
Уагдоны информацийæ, дихгæнæг хаххгæрон хъæуты Тея Ахвледиани цæрджыты æрзонгæ кодта фидыды æмæ бастдзинады политикæйы процессы бæрæг фидæнон плантимæ æмæ паддзахадон министры аппараты ног инициативæтимæ, байхъуыста сæм сæ хъæуындзинæдты тыххæй æмæ бынæттон хæдуынаффæйы минæвæрттимæ иумæ сæ алыг кæныны амæлттыл фæуынаффæ кодта.
Сæ информацийæ, фембæлдтыл æркастысты «COVID-19» пандемийы тыххæй бæстæйы уæвæг уавæр.
Паддзахадон министр вирусы ахæлиу маруадзыны нысанæн вакцинацийы процессы нысаниуæгыл фæныхас кодта æмæ бынæттон цæрджытæн медицинон маскæтæ байуæрста.