Тбилисы уагъд цæуы Гуырдзыстоны, Сомихыстоны æмæ Азербайджаны æттаг хъуыдтæгты министрты хæдивджыты фембæлд
Тбилисы Гуырдзыстоны, Сомихыстоны æмæ Азербайджаны æттаг хъуыдтæгты министрадты фембæлд цæуы. Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацийæ, фембæлды инициатортæ сты Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр Мака Бочъоришвили, Сомихыстоны æттаг хъуыдтæгты министр Арарат Мирзоян æмæ Азербайджаны республикæйы æттаг хъуыдтæгты министр Джейхун Байрамов.
Министрады информацийæ, фембæлд байгом кодта Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр, Мака Бочъоришвили, цæй фæстæ дæр æхгæд форматы даргъ кæны æртæфарсон фембæлд Азербайджаны, Гуырдзыстоны æмæ Сомихыстоны æттаг хъуыдтæгты министрты хæдивджыты æмвæзадыл.
«Фембæлдæн сæрдариуæг кæнынц Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Лаша Дарсалия, Азербайджаны фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Эльнур Маммадов æмæ Сомихыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Вахан Костанян.Фембæлды сæйраг нысан у æртæ бæстæйы цæстæнгас æмæ хъуыдытæ дих кæнын гæнæн здæхтыты фæдыл, кæцытæ бындур æрæвæрдзысты æртæфарсон æмкуыстдзинады процессæн. ахъаз кæнын бæстæты æхсæн кæрæдзийæн пайдаджын практикон æртæвæрсыг æмкуыстдзинады рæзтæн, кæцы фæстагмæ здæхт уыдзæн регионы дидинæфтыд, стабилондзинад æмæ æнæфæцудгæ рæзтмæ Абоны æртæфарсон фембæлд нæ ныхмæлæуд кæны кæнæ нæ ивы æндæр уæвæг æмкуыстдзинады формат, фæлæ æвдисы æртæ сыхаг бæстæйы æфтауц тыхархайд, цæмæй æрфидар кæной кæрæдзийæн пайдайаг æмæ конструктивон æмкуысткæнынад Гуырдзыстоны. Фæсарæн хъуыддæгты министрад фехъусын кодта.