Тбилисы цæуы æрвылазон æхсæнадæмон конференци «Путинизмы басаст».
Конференцийæн фысым кæнынц Маккейны институт æсхæнадæмон лидертæн, Джордж Бушы институт æмæ экономикон политикæйы иртасаг центр. Уым хайад исынц европаг æмæ америкаг политиктæ æмæ дипломаттæ.
Журналисттæн Джордж Бушы институты глобалон политикæйы директор æмæ АИШ-ы паддзахадон нымæрдары раздæры æххуысгæнæг. Девид Крамер куыд фехъусын кодта афтæмæй, конференци зæгъгæ æстæм аз у, цæуы уагъд æмæ алчи, чидæрридæрр ацы конференцимæ æрцæуы, сты Гуырдзыстоны фарсхæцджытæ æмæ хæлæрттæ.
«Фæнды нæ равдисæм нæ солидарондзинад гуырдзиаг адæмæн, Гуырдзыстоны демократон реформæтæн æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы , Гуырдзыстон Украинаимæ иумæ, ацы регионы æндæр бирæ бæстæтимæ иумæ, серьозон тасы раз лæууы Мæскуыйæ, æмæ уыцы æртхъирæн цæуы Путинæй, кæцы архайы, ацы регионы бæстæты контрол кæнын, мацæмæ æрдара ацы бæстæты хæдбарад, сæ суверенитет. Мах фæнды нæ фарсхæцын равдисæм Украинайы хæдбарадæн, Белорусы, Сомихыстоны, Азербайджаны, Молдовæйы æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы Гуырдзыстонæн», – банысан кодта Девид Крамер .
Дыууæбонон конференци кæцыйы сæйраг темæтæ сты хæст Украинайы, НАТО-ы æмæ Евроцæдисы фидæн æмæ Путинизмы ныхмæ политикæйы бакуыст, официалонæй абон байгом ис. Конференцийы хайадисджытæ знон оккупацион хаххы цур уыдысты æмæ бынатыл уæвæг уавæримæ æрзонгæ сты.