Тбилисы транспортон компанийы хъусын кæнынц, цæттæ кæй сты къуырисæрæй бæлццæтты райсынмæ
Тбилисы транспортон компани æххæстæй цæттæ у къуырисæрæй сæумæрайсомы 06:00 сахатæй бæлццæттæн лæггад кæнынмæ – хъусын кæны транспортон компанийы медиимæ ахастыты менеджер Тамаз Робакидзе.
Тбилисы транспортон компанийы хъусинагæй, ацы этапыл алы метростанцæйы, алы змæлæг сконды вагонты, афтæма автобусты дезинфекци цæуы.
«Дезинфекци цæуы æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы рекомендацигонд специалон буарадтæй. Дезинфекцион мадзæлттæ дарддæр кæндзысты æрвылбойнонæй, алы æхсæв, цалынмæ кусынмæ рацæудзысты кæдмæ.
Рекомендациты тыххæй куы зæгъæм, – алы бæлццон хъуамæ уа маскæимæ æмæ уый контрол кæндзысты нæ кусджытæ æмæ метро патрулгæнджытæ. Иунæг бæлццоны дæр нæ бауадздзысты кæд йæм маскæ нæ уа уæд, автобус та нæ сызмæлдзæн, кæд æмæ сикæцы бæлццонæн нæ уыдзæн маскæ.
Комменданты сахаты тыххæй, метро æмæ автобус дæр кусдзысты 21:00 сахаты онг. Ис ма дзы иу рекомендаци – автобусты тæрджыты раз ис хъахъхъæнæг барьер æмæ бæлццæттæм сæ бон нæу тæрæгмæ хæстæг бацæуын. Бæлццæтты къада, метро æмæ автобусты дæр кусдзæг æнæивгæ ранывæзтæй. Уый тыххæй цæмæй стыр мобилондзинадмæ не нхъæлмæ кæсæм, ацы интервал нæ ивдзыстæм» = хъусын кæнынц компанийы.
Уыйимæ иумæ ма, транспортон компанийы кусджытæн æрвылбойнонæй араздзысты термоскрининг æмæ симптомты фæбæрæгы цауы, компани архайдзæн æмбæлгæйæ.
Къуырисæрæй, 8 февралæй Гуырдзыстоны муниципалон транспорт æххæст бæстæйы масштабæй скусдзæн.