Тбилисы сахарон тæрхондон Хоравайы уынгыл æрцæугæ марындзинады хъуыддагыл зылынмæ лæвæрд æнахъомтæн, ахст стæрхон кодта
Тбилисы сахарон тæрхондон Хоравайы уынгыл æрцæугæ марындзинады хъуыддагыл зылынмæ лæвæрд æнахъомтæн, ахст стæрхон кодта.
Тæрхонгæнæг сразы ис поркуратурæйы ахсты фæдыл куырдиатимæ. Иргъæвæг фарс куырдта зылынмæ лæвæрдтæн мидахсты стæрхон кæнын.
Рабадт æхкæд режимы цыдис, уымæн æмæ хъуыддаг æнахъомтæм æххæссы.
Цау Тбилисы, Хоравайы уынгыл фыццаг декабры æрцыд. Æнахъомты æхсæн быцæудзинад, дыууæ æнахъомы мæлæтæй фæцис. Барæй марындзинады аххосагæй иу æнахъом ахст æрцыд, æрмæст иннæйы та барадхъахъхъæнджытæ ацы афонмæ агурынц.
Хоравайы уынгыл æрцæугæ марындзинады факты тыххæй, МХМ абон ноджы æртæ уæнгы æрцахста.