Тбилисы сабидæтты сывæллæтты  регистрацийы процессмæ  бахæсдзысты ивддзинæдтæ
Тбилисы сабидæтты сывæллæтты регистрацийы процессмæ бахæсдзысты ивддзинæдтæ

Тбилисы  сабидæтты  регистрацийы   процессы   2023-2024  азты   ноджы  иу   приоритетон  къорд   бахас уыдзæн, –  уый фæдыл Тбилисы мэр   Каха Каладзе  муниципалитеты  хицауады   абоны рабадтыл райхъусын кодта.

Йæ ныхасмæ гæсгæ,  ног уагæй,  сабидæтты   регистраци æртæ этапæй  сыххæст уыдзæн.

«Регистрацийы  рæстæджы   рахицæн ис  социалон къордтæ,  кæцытæм лæвæрд уызæн  приоритет.  Ацы къордтæм бахас уыдзæн   муниципалон   сабидæтты кусджыты   хъæбултæ, уымæн æмæ ацы адæймæгты дæр  ахæм æххуыс æмæ  уавæрты саразын хæъуы, сæ хæстæ  æххæстаргъджынæй æххæст кæныны рæстæджы, куыд  кеæцыфæнды æндæр  профессийы  минæвæртты», –  райхъусын кодта  Каха  Каладзе.

Тбилисы  мэры дзырдæй,  зæгъгæ абоны онг   фыццаг этапыл   приоритетон социалон  къордты æрмæст дыккаг этапыл  æппæтон регистраци цыдис.

«Фыццаг этапыл, приоритетон социалон къордты  минæвар сывæллæттæ   ацæудзысты регистрацийы,  дыккаг этапыл, Тбилисы   муниципалитеты территорийыл  регистрацигонд сывæллæттæ, æрмæст æртыккаг этапыл,  райхъусын кæндзыстæм   æппæтон регистраци.  Фæнысангонд ивддзинæдты  тыххæй  баздæхдзыстæм   сакребуломæ æмæ   сбæлвырды  фæстæ, июлы   регистрацийы  процесс райдайдзыстæм». – банысан кодта Каха Каладзе.

Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ   уый æддæмæ   муниципалитет нырыккон  стандартты сабидæтты  арæзтад  дарддæр кæны.

«Дарддæр кæны нырыккон  стандартты  рæвдауæндæтты   арæзтад.  Сентябры   Тбилисы æртæ  ног   рæвдауæндон  фæзындзæн.  Æмтгæй райсгæйæ,  ацы  этапыл  10   сабидоны арæзтад æмæ дыууæ   реабилитаци цæуы», – загъта Тбилисы мэр.