Тбилисы рæвдауæндæттæм сывæллæтты электронон регистраци 12 июны райдайдзæн
Тбилисы рæвдауæндæтты 2019-2020 ахуырадон-хъомылгæнæн афæдзмæ сабиты райсты нысанæй, электронон регистраци 2019 азы 12 июны райдайдзæн.
Рæвдауæндæтты фæткдар агентады информацийæ, регистраци ацæудзæн дыууæ этапæй, Тбилисы рæвдауæндæтты фæткдар агентады веб-фарс www.kids.org.ge –ыл фыццаг этапы регситраци райдайдзæн 12 июны 12:00 сахатыл æмæ регистраци ацæуын сæ бон уыдзæн: социалонæй цыбыркъух бинонты хъæбултæ; «Паддзахадон аудыны агентады» филиалы, ноггуырдсабиты хæдзары бенефициартæ; «Паддзахадон аудыны агентады»(æмбæлон æххæстбартæ кæмæн ис, ахæм уагдоны) рафысты бындурыл; специалон ахуыргæнæн ломеæнтæ кæмæн ис, уыцы сабитæ; уыцы бинонты сывæллæттæ кæцыты хъæбулты пайда кæнынц бææг скъолайыонг хъомылгæнæн уагдæтты лæггадæй; Тбилисы муниципалитеты территорийыл 2015 азы 13-14 июны æрцæугæ стихийы фæстиуæгæн зианбаййафæг бинонты сывæллæттæ, сахар тбилисы муниципалитеты мэрийы æмбæлон структурон иуæгты кæнæ/æмæ хицауадон барады юридикъон уæнгты æхсæнбацыды бындурыл; Иунæгæй цæрæг ныйарæгы статус кæмæн ис уыцы, уæнгты хъæбултæ.
Афтæдæр сæ информацийæ, сæрмагонд ахуырадон домæнтæ кæмæн ис уыдоны æмæ иунæг ныйарæгы статус кæмæн ис, уыцы уæнгты хъæбулты регистраци не рцæудзæн элеткрононæй æмæ æнæмæнгхъæуæг уыдзæн æмбæлон документы бавдисын рæвдауæндоны фæткдар агентадмæ.
Регитсрацийы дыккаг этап райдайдзæн 19 июны, 12:00 сахатыл æмæ электрононæй регистрацийы ацæуын йæ бон бауыдзæн алы æндæр аппликантæн, кæцы не æмбæлыфыццаг этапыл регистрацигондты категоритæм. Афтæма, регистраци гæнæн ис æрмæст иу рæвдауæндоны.
Фæнысан кæнинаг у, цæмæй регистраци ацæуыны бар уыдзæн алы уыцы сывæллоны, кæцы ахуырадон афæдзы райдианы (регистраци моменты нæй) уыдзæн дыууæаздзыд. Ацы аз сабион рæвдауæндæтты ранымадмæ æфтыд æрцыд ногарæзт цыппар рæвдауæндон, кæцы цæугæ азы фæззæджы байгом уыдзæн, уый фæстиуæгæн сæрибар бынæтты нымæц уыдзæн 15 000.