Иракълий Къобахидзейы фидиуæнæй, 2024  азæй  æвзæрстгæнджыты регистраци æмæ хъæлæскæнын цæудзæн  электрононæй
Иракълий Къобахидзейы фидиуæнæй, 2024 азæй æвзæрстгæнджыты регистраци æмæ хъæлæскæнын цæудзæн электрононæй

 

«Гуырдзиаг бæллицы»   политикон   бал фæуынаффæ кодта  æмæ  рахаста  скуыддзаг 2024  азæй электронон   аппаратурæйы фæрцы  æвзæрстгæнджыты регистрацийы æмæ  хъæлæскæныны  уаг уæрæхæй  æрфидар кæныны фæдыл  –  уый тыххæй   партийы  офисы  лæвæрд брифингыл  райхъусын кодта партийы  сæрдар Иракълий Къобахидзе.

Къобахидзейы дзырдæй,   зæгъгæ хицауад активон  кусы  Евроцæдисы  бавдыст  12  пунктджын план  сыххæстыл, кæцыйы иуæй-иу  пункт «Гуырдзыстоны æвзæрстгæнæн кодекс»  ногæй æркæсынмæ  æххæссы.

«Кусæн  къорд  бавдыст  æнъхарæнты  хай æвзарæнон процессы  электронон технологиты  уæрæхæй спайдайы фæдыл уыд . Уы тыххæй, «Гуырдзиаг Бæллиццы»  политикон  бал фæуынаффæ кодта  æмæ рахаста  скуыддзаг 2024  азæй электронон   аппаратурæйы фæрцы  æвзæрстгæнджыты регистрацийы æмæ  хъæлæскæныны  уаг уæрæхæй  æрфидар кæныны фæдыл  .

Ивгъуыд азы  æххæстæй  электронон аппаратурæйы фæрцы  уагъд уыдис  хъæлæскæныны  процедурæ  горæт Тбилисы Кърцъанисы районы. Ацы аз   электронон аппаратурæйæ ацыд хъæлæскæнынады  сакребулойы æхсæйнаг æвзæрсттæ Батумы  муниципалитеты  аст  æвзарæнон фадыгыл.  Нырыккон   технологитæй æвзæрстгæнджыты регистраци æмæ хъæлæс кæныны  æнтыстджын фæлтæрддзинад нын дæтты  уый фадат, ацы инициативæ  2024 азæй  бирæ  уæрæхдæр масштабæй  æрфидар кæнæм.

Сæрмагондæй та нæ уынаффæйæ,  æвзарæнон   фадгуыты  фылдæры, уый нымæцы,  алы горæт æмæ ставд   цæрæн пункты,  кæцы у  æвзæрстгæнджыты  иууыл цъус 70%-ы бæрц,  æвзæрстгæнджыты регистраци æмæ  хъæлæскæнын ацæуа  электронон   аппаратурæйы фæрцы», – райхъусын кодта Къобахидзе.

Иракълий Къобахидзейы  дзырдæй, зæгъгæ фæнысангонд инициативæйæн  æввахс бонты лæвæрд уыдзæн  закъонопроекты  хуыз.