Украинайæн фарсхæцæн резолюцийы тексты, парламенты регистрацийы  абон ауадздзысты
Украинайæн фарсхæцæн резолюцийы тексты, парламенты регистрацийы абон ауадздзысты

Парламентон фылдæрты  уæнг Мамука Мдинарадзе хъусын кæны, ома  Украинайæн фарсхæцæн резолюцийы тексты,  парламенты регистрацийы  абон ауадздзысты.

Мамука Мдинарадзе куыд банысан кодта  афтæмæй,   резолюцийы  тексты  куы æрныхас кæной, куæд иумæйаг  резолюци  срегистраци кæндзысты,  науæд та фылдæртæ  регистрацийы ауадздзысты сæхи версийы.

«Йæ фарс хæцæм нæ хæлар бæстæйы  суверенитетæн. Цæй зæгъын æй хъæуы,  никæмæн ис бар,  кæцыфæнды бæстæйæн амона, дæнцæн , бауа  æви нæ  цæгататлантикон альянсы уæнг.  Уый цæмæй  нын нæ  конституцийы  ис фыст  бæрæг  принциптæ,   уый бæрæг у  цæмæй сæ ногæй  æркæсын  нал хъæуы. Иумæйаг принциптыл абон æрныхас кодтам. Алкæцы ныхасыл,  цавæр фыст уыдзæнис, афтæ хуыздæр æвдыст уыдзæн кæнæ æндæргъуызон,  уыдæттыл нын ис драфт,   бараст æй кæндзыстæм,  кæцыдæртимæ  мах дæр разы  стæм, иннæтимæ – нæйы.  Ис  деталтæ, кæцытæ  принципон равг нæ хæссынц  æмæ æнхъæл дæн уыдæттыл æрныхас кæндзыстæм.

Гуырдзыстоны парламенты регламентмæ гæсгæйæ,  абон у  уыцы бон, кæцыйы  кæронмæ  хъуамæ  срегистраци кæнæм резолюци,  æмæ кæд æрныхас кæндзыстæм  уæд æй, цæй зæгъын æй хъæуы  боны кæронмæ ауадздзыстæм регистрацийы.  Æрмæст  кæд  бæрæг деталты  тыххæй исчи не сразы  уыдзæн, уæд   мах регситрацийы ауадздзыстæм нæхи версийы,  хъæлæскæнынмæ дæрæй  рахæсдзыстæм  æмæ уырнæг дæн, парламентæй разыдзинад  дæр йын уыдзæн» – райхъусын кодта Мамука Мдинарадзе.

Парламенты Украинайæн фарсхæцæн  резолюцийыл  консультацитæ  абон ацыд. Процессы баст уыдысты  куыд фылдæрты, афтæ оппозицийы  уæнгтæ.