Тбилисы, Пекины проспектыл, зынгсирвæзт ликвидацигонд у. Уый фæдыл журналисттæн фехъусын кодта уæлвæтк уавæрты куысты Тбилисы сæйраг уагдоны хистæр Отар Кереселидзе.
«Пекины проспектыл зынгсирвæзт ликвидацигонд у. Зынг сирвæзтис фæндзæм уæладзыгыл, сыгъдис 300-кв метры онг фæзуат, фæндзæм, æхсæзæм æмæ æвдæм уæладзыгтыл. Оперативонæй мобилизацигонд уыд 14 зынгхуыссынгæнæн цистернæ, уыдисы сыгъды ахæлиуы тас, фæлæ зынгхуыссынгæнджыты оперативон архæйдты фæстиуæгæн, бантыстис, зынгы цырдæй локализаци. 300 адæймагы эвакуаци скодтам. Зынгсирвæзты фæстиуæгæн ничи фæзиан ис», – райхъусын кодта Отар Кереселидзе.
Уыимæ иумæ, фарстыл – бæстыхайæ рахаугæ æвзонг сылгоймаджы фæдыл, Креселидзе банысан кодта: «Бынатыл сты æмбæлгæ куыстты минæвæрттæ æмæ цæуы фæдагуырд».