Times -  Тбилис – Европæйы сеппæтæй цæрдæг сæйраг горæт
Times - Тбилис – Европæйы сеппæтæй цæрдæг сæйраг горæт

Бынæттон  сæн, рæтæн фæндаг æмæ æхсæвы  цард – Тбилис Европæйы дыккаг Берлинæй ссис – ахадæг бритайнаг  рауагъдад  «Times» Гуырдзыстон туристон  потенциалы фæдыл фыссы.

«Советон эпохæйы æвæрæнты æмæ æнусты  размæ амад   хæдзæртты  нырыккон  бутикгомау фысымуаттæ æмæ  бартæ сты  арызт, цы ран  натралон сæн баназдзыстут.  Тбилисæн ныридæгæн ис дыккаг Берлины репутаци, горæт номдзыд  у  æхсæвы кълубтæй  æмæ  бартæй, фæлæ  Тбилис  хипстерон стилæй  ноджы бирæ  фылдæр у.  Зæлдаг Фæндагыл уæвæг  горæт монголаг ханты, персаг шахты æмæ уырыссаг   хицæуæдты кухтæй-къухтæм хызтис. Алчи сæ  сæхи  фæд ныууагъдтой  горæты калейдоскопион архитектурæйыл æмæ культурон историйыл.   Ам  фендзыстут астæу æнусты  фидартæ, советон бæстыхæйттæ, фæндаггæрон фæсæмуаттæ. Ардыгон  урбанон  царды бацахуыры фæстæ  уæм æнхъæлмæ кæсы  Гуырдзыстоны  митæй æмбæрзт  хæхтæ, рæстæджы урæд  хъæутæ æмæ ай æппæт  поездæй кæнæ хæдтулгæйæ тынг  хæстæг дистанцийыл ис» – фыссы Times-ы журналист.

Статийы  фыст ис   зæронд Тбилисы тыххæй, аргъуанты, этнографион  музейты, сæны музейты, сæны барты, сур хиды базары, хæлцадон объектты æмæ фысымуатты фæдыл.  Крис Шалк  кæсджытæн  æнхъары, Тбилисы центры  фистæгæй  змæлын, æндæр æмæ æндæр сыхты та   метро æмæ  автобустæй  спайда кæнын амоны.