Тбилисы паддзахадон университеты юбилеймæ гæсгæ Националон Банкъ рауагъдта æвзисты коллекцион згъæрæхца [фото]
Иване Джавахишвилийы номыл Тбилисы паддзахадон университеты 100 азы юбилейон датæ банысан кæнынæн, Гуырдзыстоны Националон Банкъ 5 ларийы номиналы æвзист коллекцион згъæрæхца рауагъдта.
Монетæйы презентацийыл уыдысты Националон Банчы президент Коба Гвенетадзе æмæ Тбилисы Паддзахадон Университеты ректор Гиорги Шарвашидзе.
Монетæйы эскиз æвзæрст æрцыд æргом конкурсы фæстиуæгæн æмæ дизайны автор у Нино Гонгадзе. Монетæ, Испанийы, тиражæй – 1500 иуаг.
Монетæйы аргъ у 95 ларийы æмæ йæ балхæнын гæнæн ис Гуырдзыстоны Националон Банчы кассон центры, Хъуарелы музейы æмæ онлайн магазинты.