Тбилисы паддзахадон университеты цæуы æхсæнадæмон конференци «Гуырдзиаг-ирон ахастытæ рапарахаты перспективæтæ»
Иванэ Джавахишвилийы номыл Тбилисы паддзахадон университеты цæуы æхсæнадæмон конференци «Гуырдзиаг-ирон ахастыты рапарахаты перспективæтæ».
Фæнысангонд конференци ацы аз æхсæзæм хатт цæуы æмæ гуырдзиаг-ирон кæрæдзион ахæт фæарфдæр кæнын у йæ нысан.
«Ковид-19»-ы пандемийы тыххæй ацы аз конференци цæуы онлайн форматы æмæ нывонд у номдзыд гуырдзиаг фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг, Даниел Чъонкадзейæн æмæ ирон фыссæг Цорæты Василæн.
«Конефренци ацы аз æхсæзæм хатт цæуы, æрвылазон формат йын ис. Афæдзы мидæг иу хатт, октябры мæйы иу ацæуы æмæ æрвылазонæй нывонд вæййы гуырдзиаг æмæ ирон дзыллон архайджытæн, кæцытæ растдæр гуырдзиаг-ирон кæрæдзион ахæт рапарахат кæнын архайдтой. Ацы аз конференци нывонд у номдзыд фысæг, æхсæнадон архайæг Даниел Чъонкадзейæн, афтæма номдзыд ирон æхсæнадон архайæг Цорæты Василы номæн. Даниел Чъонкадзе æмæ Цорæты Васил стыр хайбавæрд скодтой гуырдзиаг-ирон ахастыты рапарахаты хъуыддаджы. Бамбырд кодтой ирон фольклор, кæцы фæстæдæр публикацигонд дæр уыд. Афтæма, Тбилисы удон семинарийы сæ ахуыр кодтой ирон æвзаг.
Конференцийы æрвылазонæй иу хайад исынц ахуыргæндтæ Гуырдзыстоны æмæ фæсарæнты университеттæй æмæ иртасаг центртæй. Ацы аз конференцийы ис 90-æй фылдæр хайадисæг, сæ нымæцы Цæгат Кавказы республикæтæй, афтæма Италийæ, Германийæ æмæ æнд. Практиконæй хайадисджыты фылдæр сты фæсарæйнæгтæ, уый та махæн стыр престиж у. Конференцийæн ис бæрзонд æууæнк зонадон зылдты» радзырдта Тбилисы паддзахадон университеты профессор, конференцийы организацигæнæг Нино Попиашвили.
Æхсæнадæмон конференци знон байгом æмæ йæ хайдисджытæм арфæйы ныхасæй рацыд Тбилисы паддзахадон университеты ректор Гиорги Шервашидзе.
Конференци дыууæ-бонон у æмæ абон, боны кæронмæ аххæсдзæн.