Тбилисы паддзахадон университеты байгом ис конференци «Гуырдзиаг-ирон ахастыты рапарахаты перспективæтæ»
Тбилисы паддзахадон университеты байгом ис конференци «Гуырдзиаг-ирон ахастыты рапарахаты перспективæтæ»

Сæдæйæ  фылдæр  ахуыргонд  Гуырдзыстон æмæ  фæсарæнты  зонадон-иртасæн   центртæй æмæ университеттæй  хайад исынц   æвдæм  æхсæнадæмон  зонадон конференцийы  “Гуырдзиаг-ирон ахастыты рапарахаты  перспективæтæ», кæцы байгом ис  Иванэ Джавахишвилийы номыл   Тбилисы  паддзахадон  университеты.

Университеты  пресс-куысты  информацийæ,  дыууæбонон  конференцийы  фæлгæтты  кусдзæн  æвзагзонæдты,  литературæйы, фольклоры, историйы, культурæйы  иртасæнты  æмæ æндæр  зонадон секцитæ, афтæма  тымбыл фынг   студентты æмæ  æвзонг ахуыргæндтæн.

Конференцийы  хайадисджытæн раарфæ кодта   ТПУ-ы  ректор Гиорги Шервашидзе.

«ТПУ-æн стыр цыт  у ацы  æхсæнадæмон  конференцийæн   фысым кæнын.  Традиционæй  ТПУ уыдис  бынат, цы ран сæрмагонд хъусдард   уыдис  абхазаг,  æмæ ирон  æвзæгты  бацахуырмæ æмæ  сæ коймæ.  Иуæй-иу  фыццаг  бардзырд, кæцыйы  Иване Джавахишвили, куыд университеты ректор  рауагъдта, æххæссыд   абхазаг æмæ ирон  æвзæгты  рапарахатмæ.  Ныфс дарын, цæмæй  иннæ конференци  нын бантыстдзæнис  хуымæтæг режимы  ауадзын», – райхъусын кодта  Гиорги Шервашидзе.

Конференцийыл, кæцы æмхæццæ форматæй  цæуы,  раныхасæй ралæудзысты  ахуыргæндтæ  цæгат  Кавказæй, Германийæ, Францæй, Туркæй, Швецийæ, Уæрæсейæ, Азербайджанæй  æмæ æнд.

Коронавирусæй  цæугæ тасы  тыххæй  конференци цæуы æмхæццæ форматы, Шота  Руставелийы   номыл националон  зонадон фонды æххуысæй.

«Гуырдзиаг-ирон ахастытæ   гармониджынæй  æмæ традиционæй  парахат кодтой  æнусты  дæргъы. Ацы  хæлар  адæмты   фæхицæн кæныны  фоныл  ахуырады æмæ   культурæйы  фæндаг, куыд фæбæрæг  афтæмæй, ссис  сегасдæр   перспективон   инициативæ  æмæ  диссаг нæу, цæмæй   конференцийыл  Гуырдзыстоны  университетты  минæвæрттимæ иумæ,   хайадисджытæ  æрцыдысты  Хуссар Кавказæй, Германийæ, Италийæ æмæ Францæй.  Конференцимæ  æрцæуыны  тыххæй бирæтæн  ахæм барьерты сæрты рахизын бахъуыд, æмæ   гæнæн ис   цауты  мемуарты ныффысын дæр», – банысан кодта  Тбилисы падзахадон университеты  гуырдзиаг-ирон  ахастыты зонадон-иртасæн центры директор Беппиты Наирæ.