Тбилисы паддзахадон университеты ацыд ирон аргъæутты æмбырдгонды презентаци
Иванэ Джавахишвилийы номыл Тбилисы паддзахадон университеты ацыд, ирон аргъæутты æмбырдгонды презентаци. Гуырдзиаг æмæ ирон æвзæгтыл чиныгмæ бацыд 30 ирон аргъау. Ирон аргъæутты иллюстрацитыл бакуыстой гуырдзиаг æмæ ирон нырыккон нывгæнджытæ, афтæдæр æвзонг немыцаг нывгенег Нина Зигер.
Чиныг мыхуыры уагъд æрцыд Иванэ Джавахишвилийы номыл Тбилисы паддзахадон университеты гуырдзиаг-ирон зонадон иртасаг центры инициативæйæ, кæцыйы къухдариуæггæнæг у филологийы доктор, профессор Беппиты Наира.
«Зæгъæн ис традицийæ скодтам уый, цæмæй ирон таурæгътæ, фæнды Нартты эпос, кæнæ адæмон таурæгътæ, афтæдæр ирон аргъæуттæ, дыууæ æвзагыл рауагътаиккам мыхуыры. Ацы хъуыддаджы нын тынг баххуыс кодта ахуырады, зонæдты, културæ æмæ спорты министрад. Афтæдæр нын ис æхсæнадæмон партнертæ – Евроцæдис æмæ ИНО. Æнæхъæнæй ацы процесс схуыдтам диалогæй культурæйы æмæ ахуырады æвзагыл. Мæнмæ гæсгæ, сегасæй эффективон абон у растдæр диалог гуырдзиаг æмæ ироны æхсæн æмæ уæлдайдæр, кæд фольклоры хæзнайы æвзагыл ныхас кæндзыстæм, уый нын ноджы фылдæр пайда ратдзæн уыцы стыр хъуыддаджы, кæцыйæн лæггад кæнæм мах»- банысан кодта Беппиты Наира.
Тбилисы паддзахадон университеты ректоры, Гиорги Шервашидзейы дзырдæй, зæгъгæ гуырдзиаг-ирон ахастыты зонадон иртасаг центры куыст, адæмон дипломатийы сегасæй хуыздæр дæнц у.
«Тынг нысаниуæгджын рауагъд у. Гуырдзиаг-ирон ахастыты иртасаг центры, æхсæнадæн бирæ дзæбæх хъуыддаг цæуы арызт. Ацы центр у растдæр уый, кæцыйы кой арæхдæр хъуамæ кæниккам. Уый у адæмон дипломатий. Уымæй ис пайдакæнынæд уыцы бастдзинадæй, кæцы нын уыд æнусты дæргъы. Тынг аив рауагъд у æмæ уырнæг дæн, бирæ кæсæг уыдзæн ацы аргъæуттæн», -райхъусын кодта Гиорги Шервашидзе.