Тбилисы цæуы 6-æм æхсæнадæмон конференци «Слава Україні!», кæцы байгоми Гуырдзыстоны æмæ Украинайы гимнтæй.
Конференцийæн фысым кæны Маккейны институт æхсæнадæмон лидердзинадæн, Джордж Бушы институт æмæ экономикон политикæ иртасаг центр.
Конференцийыл сты æдадсзинады регионон эксперттæ, гуырдзиаг политиктæ, æмбæстагон активисттæ æмæ бизнесы минæвæрттæ. Конференцийæн йæ нысан у Гуырдзыстоны Дунейы æмæ трансатлантикон бонвæткы приоритетон бынат ма сфесафын, демократон прогресси æмæ евроатлантикон тырнынадтæн къухацаразын.
Организаторты информацийæ, дискусиийыл æркæсинаг фарстатæ сты: Уæрæсейы бырст Украинамæ æмæ Ныгуылæны реакци; æфсæддон агрессийы геополитикон фæстиуджытæ; змæстытæ регионы; хæсты æндæвдад Европæйы фидæныл; кæдæм фæцæуы Гуырдзыстон; Уæрæсейы дарддæры къахдзæфтæ.
Конференцийы агъоммæ Гуырдзыстоны «NDI»-ы офисы раздæры къухдариуæггæнæг Лора Торнтон райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ нысаниуæгджын у конференци Гуырдзыстоны кæй цæуы уый.
Афтæма йæ дзырдæй, Украинамæ алы бæстæ хъуамæ кæса куыд æндиуддзинады моделмæ, кæцы хъæуы демократийы сæрыл хæцынæн.
«Иттæг нысаниуæгджын у, ацы конференци Гуырдзыстоны кæй цæуы уый. Уый у зæрдылдарæн уыцы сахъдзинады, кæцы равдыстой украинæгтæ. Украинайы æмбæстæгтæ, кæцытæ ацытæккæ хæцынц сæ демократийы тххæй. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, алчи, æмæ сæ нымæцы, мæ бæстæ дæр, хъуамæ райса сæ цæвиттон æмæ Украинамæ кæсæм куыд сахъдзинады уыцы моделмæ, кæцы хъæуы демократи бахъахъхъæнынæн. Æхсызгон у ацы конференци Гуырдзыстоны кæй цæуы, уымæн æмæ уый у сидт Гуырдзыстоны дæр», – райхъусын кодта Лора Торнтон.