Тбилисы автобусты авд æмæ микроавтобусты  дæс ног маршрут скусдзæн
Тбилисы автобусты авд æмæ микроавтобусты дæс ног маршрут скусдзæн

Сæйраг горæты  транспортон  лæггад фæхуыздæры нысанæн, автобусты æмæ микроавтобусты ног  маршруттæ  скусдзæн, –  уый фæдыл Тбилисы мэр, Каха Каладзе   сæйраг горæты  муниципалитеты хицауады абоны рабадтыл   райхъусын кодта.

Йæ дзырдæй,  фæнысангонд ивддзинад   бæрæг маршруттыл  змæлды  интервалтæ фæкаддæр кæныны дары  йæ хъуыдйы.

«Алы уынгыл, цы ран  инфраструктурон куыстæ уадзæм, автобусты хаххытæ  аразæм. Ахæм ахаст ис  размæцыд бæстæты æмæ   мах дæр уыцы  къахдзæфтæ  аразæм», –   загъта Каха Каладзе.

Афтæма йæ дзырдæй,   зæгъгæ æхсæнадон  транспорты цырд æмæ комфортон змæлд  у принципонæй  нысаниуагджын.