Тбилис-Венæйы рейс, кæцыйæн стæхыны фæстæ техникон проблемæ сырæзт, Тбилисы аэропорты æдас æрбадт
«Аирзенайы» сæрмагонд хæдтæхæг, кæцы рейс æххæст кодта Тбилис_Венæйы æрдæм, Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты æдасæй æрбадтис.
Хæдтæхæгæн ыстæхыны фæстæ сырæзт проблемæтæ æмæ зæгъæн ис дыууæ сахаты дæргъы Тбилисы сæрты тахтис. Бæрæг куыд у афтæмæй, стæхыны фæстæ хæдтæхæгæн йæ шасси не рыхгæд ис æмæ пилот артаг бахардз кæнын ахицæн кодта, цæмæй хæдтæхæг æдасæй сбадын кодтаит.
Бæрæг у цæмæй бортыл уыд 180 бæлццон. Тбилисы аэропорты мобилизацигонд уыд патрулон пъæлицæй æмæ зынгвæдисон-ирвæзынгæнджыты къорд. Ацы минутты бæлццæттæ аэропорты территорийыл сты. Техниокн бал, сгары хæдтæхæг.
Официалон комментари æрцæугæйы фæдыл нырма ничи сарызта.