Грекъы  хæстæрмæгæй  едзаг  украинаг рауагъды хæдтæхæг æрхаудта
Грекъы хæстæрмæгæй едзаг украинаг рауагъды хæдтæхæг æрхаудта

Грекъы,  хæстæрмæгæй  едзаг  украинаг рауагъды хæдтæхæг  æрхаудта.  Медийы хъусинагæй,  уæзласæн  хæдтæхæг  Грекъы цæгаты,  горæт Кавалайы  цур æрхауд, кæцы  Грекъæй   Иорданимæ фæцæйтахтис.

Медийы  хъусинагæй,   цау  бынæттон рæстæгæй  23:00  сахатыл æрцыд. Грекъы  æмбæстагон авиацийы   куыстмæ  бацыд хъусинаг  хæдтæхæджы иуæй-иу  змæлынгæнæгы  проблемæйы тыххæй,   кæцы   куырдта барлæвæрд  аварионæй  сбадынæн. АН-12-æн  Кавалайы  аэропорты сбадын  банхъарыдысты, цæй фæстæ дæр йемæ коммуникаци  аскъуыд.  Уый Кавалайы  аэропортæй  40 км  æрхаудта.  Цауы бынатыл  фæзындис  сыгъд.

Бынаты бацахуыр цæуы  дронты фæрцы. Барадхъахъхъæнджытæ  ныфсджын сты,  цæмæй  ссардзысты  «сау асыкк», кæцыйы фæрцы  гæнæн бауыдзæн   аварийы  аххосæгтæ базонын.

Медиа куыд фыссы афтæмæй,   бортыл  уыд  8-æй  дæсы онг адæймаг  æмæ 12  тоннæ  тæссаг  уаргъ, æнхъæлцау сармадзаны нæмгуытæ  фæцæйласта.  Медийы информацийæ,   хæдтæхæг уыдис компани «Меридианы» сæрмагонд  æмæ фылдæр чартерон рейстæ  æххæст кæны.  Компани  æмкуыст кæны   ИНО æмæ  НАТО-имæ  æндæр æмæ æндæр,  уый  нымæцы   æфсæддон  æмæ дывæр нысаниуæгы  уæзтæ  тагъд  аласынæн.