Тбилис, Рустав æмæ Кутаисы ахуыры процессы сногмæ гæсгæйæ, ахуырады министрад ахæлиу кодта хъæугæ информаци
Тбилис, Рустав æмæ Кутаисы ахуыры процессы сногы размæ скъолаты интенсивонæй цæттæ кæнынц – хъусын кæнынц ахуырады министрады.
«Сæрмгаондæй та, скъолайæн йæ бон у ахицæн кæнын: урокы рæстæг; урокты процесс райдайыны афон кæпхæн/ класттæм гæсгæйæ; тасгæйæ спалн кæнеа фæлтæрты ивды рæстæг; ахуырдзауты æдасдзинады æмæ скъолайы инфраструктурæ хынцгæйæ сплан кæна æмхæццæ ахуыоы сæрмагонд модел; æмхæццæ модел сплан кæныны рæстæджы I-IV классты ахуырдзаутæнæ æнæмæнгхъæугæйæ сбæрæг кæна физикъон скъолайы тыгъдады æмгъуыддзæгтæ ауадзыны фæтк.
Ахсджиаг у уый æмæ скъола хæсджын у, скъолайы уæвгæйæ ахуыр райдайынæй сифтонг кæна индивидуалон кæнæ къордгай куыст уыцы ахуыргæнинæгтæимæ кæцытæ нæ иу кодтой дистанцион ахуырмæ.
Министрад, скъолатæн уæлæмхас фадæттæ æнхъары. Сæрмагондæй та, ныйарджытæн 2020-2021 ахуырадон азты фыццаг семестры нырид аппробацигонд методмæ гæсгæйæ, лыæвæрд цæуы фадат саразæн æвзæрст скъолайы уæвгæйæ ахуыр æмæ дистанцион ахуыры формæты æхсæн. Фæнысангонд балæуд æххæссы æрмæстдæр ацы горæтты – Тбилис, Кутаис, Рустав, Зугдид, Телавйы, Зестапоны, Гардабаны, Поты, Марнеулы,Батумы, Кобулеты æмæ Гуры уæвæг æхсæнадонс къолатæм. Кæд æмæ ахуыргæнджытæ тыхыбын бауыдзысты уæлæмхасæй ауадзой дистанцион уроктæ, министрады уынаффæййæ, уыдон æмбæлгæ уæлæмхасæн райсдзысты сæ мыздмæ» – хъусын кæнынц ахуырады министрады.
Ныйарджытæ кæцыты фæнды цæмæй сæ хъæбултæ дистанцион форматы адарддæр кæной ахуыр, уый тыххæй хъуамæ куырдиат бавдисой скъолайы администрацимæ æмæ ацæуæт регистраци хицауадон барады юридикон уæнг ахуырады фæткдæттæг информацтн системæйы бакуыст веб-фарсыл – online.emis.ge.