Тамар Габуниа -  Вакцинацимæ  дарддæрыкары къорд уыдзæн 55 аздзыдæй  уæлдæр
Тамар Габуниа - Вакцинацимæ дарддæрыкары къорд уыдзæн 55 аздзыдæй уæлдæр

Вакцинацийы   фæдылдзог кары къорд уыдзæнис  55 аздзыдæй  хистæрдæр.  Кæй зæгъын æй хъæуы,  уыййас  фырхъæздыг не стæм, цæмæй  вакцинæ, кæцы райсынæн  æнæхъæн дуне фыдæбон кæны,  афтæ нын баззайæт æмæ дзы ма спайда кæнæм,  – уый фæдыл  æнæнизхъахъхъæды министры  хæдивæг  Тамар Габуниа фехъусын кодта.

Габуниайы дзырдæй,   зæгъгæ ныллæг активондзинад цауы,  регистраци сæ бон уыдзæн  55 азæй хистæрдæртæн дæр.

«Ныр куыддæр фендзыстæм, цæмæй  активондзинад  æгъгъæд бæрцæй  бæрзонд нæу,  афтæмæй  регистраци байгом уыдзæн  55 азæй  хистæрдæртæн дæр. Дунеон бæрæггæнæнтæ нын амонынц  цæмæй  цæрджыты 30 процент   у уыцы  нымæц,  кæцыйы фæнды  вакцинаци.  Мах тынг ныллæг бæрæггæгнæныл  стæм, фæлæ   потенциал, цæмæй вакцинæтæй тагъд  сфæлхас кæнæм, нырмадæр ис. Гæнæн ис  100  дозæ  рауæлдай ма  кæцыфæнды кары къорды  номдзыд адæймæгтæн, уымæн та  хъæуы дзæбæх  сплан кæнын  æмæ  æхсæнады бастдзинад», –  загъта Тамар Габуниа.