Тамар Чугошвилийы информацийæ, фракци «Гуырдзиаг Бæллиццы» æхгæд рабадтыл зæгъгæ фæныхас кæндзысты ларийы къурсыл
Тамар Чугошвилийы  информацийæ,  фракци  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  æхгæд  рабадтыл зæгъгæ  фæныхас кæндзысты  ларийы къурсыл

Парламенты  фыццаг вице-спикер Тамар Чугошвилийы  информацийæ,  фракци  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  æхгæд  рабадтыл зæгъгæ  фæныхас кæндзысты  ларийы къурсыл.

Журналисттимæ ныхасы рæстæджы Тамар Чугошвили куыд  загъта афтæмæй,   фракцийы рабадтыл  сæрмагондæй нысаниуæгджын бакæсинаг  фарст уыдзæн  доллармæ гæсгæ  ларийы  къурсы ивд.

Депутаты дзырдæй, ныхас афтæдæр уыдзæн   закондæттæг органы    Националон Банчы  президенты Коба Гвенетадзейы æрхуынды фæдыл.   Уымæй уæлдай ма Чугошвилийы  хъусинагæй,   фракцийы  рабадтыл  уынаффæ аххæссдзæн    регламенты  плангонд  ивындзинæдтæм.