Евросоветы парламентон ассамблейы фæззыгон сессийы байгомы, Гуырдзыстоны делегаци протесты æмæ Украинайæн солидарондзинады нысанæй хайад нæ райста
Евросоветы парламентон ассамблейы фæззыгон сессийы байгоммæ нæ рацыд Гуырдзыстоны делегаци протесты æмæ Украинайæн солидарондзинады нысанæй. Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн парламенты фыццаг вице-спикер Тамар Чугошвили куыд фехъусын кодта, афтæмæй, ацы протест зæгъгæ баст у уыцы уынаффæимæ, кæцы Евросоветы парламентон ассамблей Уæрæсейы æрыздæхтмæ гæсгæ райста.
«Евросоветы парламентон ассамблейы ныууадзын нæ хъавæм. Уый иунæг бæстæ дæр нæ хъавы. Раззаг сессийыл, Уæрæсейы тыххæй уынаффæйы æмæ Украинайæн солидарондзинады нысанæй, Гуырдзыстоны делегаци цæугæ сессийы хайад нæ исы, ницы бæрæгбойнон мадзæлтты æмæ ассамблейы рабадты. Координаци нын ис æндæр бæстæтимæ дæр, кæцытæн махау нæрайсгæ у Уæрæсемæ гæсгæ ист уынаффæ», – райхъусын кодта Тамар Чугошвили.
Гуырдзыстонимæ иумæ Евросоветы парламентон ассамблейы фæззыгон сессийы байгомы хайад нæ исынц Латвийы, Лиетувæйы, Эстонийы æмæ Украинайы делегацийы уæнгтæ.
Украинайы делегаци, Уæрæсейы Евросоветы парламентон ассамблеймæ æрыздахыны ныхмæ протесты нысанæй, бынтон нæзагъд ракодта ассамблейы фæззыгон сессийы хайад райстыл. Евросоветы парламентон ассамблейы сæрдар Лилиан Мори-Паскьейы дзырдæй, уый, цæмæй Украинайы делегаци организацийы фæззыгон сессийы нæ райсдзæн хайад, хъыгаг факт у. Ацы фидиуæн уый Страсбургы сарызта, цы ран абон Евросоветы парламентон ассамблейы сесси байгом ис.
«Украинайы делегациимæ æмгуыстад, сæрмагондæй мæнæн æмæ махæн алкæмæн, нысаниуæгджын у, уымæн æмæ Украина нæ организацийы уæнг у, уый хъуамæ пайда кæна нæ фарсхæцынæй, æхсæнадæмон закъондæттынады хъахъхъæды фарстайы», – райхъусын кодта Паскье.